TITUS
Ossetic Nartic Tales
Part No. 42
Previous part

Text: 33  
Line of edition: 23        33. [Созырыхъо]


Paragraph: 1     
Line of edition: 24     Нарт фæсобау тæрхон кодтой, æмæ Борæтæн райгуырди лæппу,
Line of edition: 25     
æмæ, йæ авдæнбæттæн бон куы уыдис, уæд тæрхоны лæгтæ загътой:
Line of edition: 26        
-- Ацæут-ма æмæ йæм байхъусут, æмæ йæм цы хъару уа, уый
Line of edition: 27     
Сатана дзурдзæнис.

Paragraph: 2     
Line of edition: 28     
Æмæ рацыдысты æмæ йæм хъуыстой; æмæ йæ Сатана бабаста
Line of edition: 29     
авдæны:

Paragraph: 3     
Line of edition: 30        
-- А-ло-лай, ме 'нæныййаргæ лæппу, ды уыдзынæ уæллон бирæгъау
Line of edition: 31     
æмбалхор; сау болатæй æмæ цъæх болатæй дæ авдæн; уæйыджы
Line of edition: 32     
рагъаг гæрзытæй авдæнбæстæ. Хурныгуылæны дын байрат
Line of edition: 33     
хъомыл кæны, чи дæ фæхæсса, ахæм; бахъуаджы боны мæй кæм
Line of edition: 34     
цæуын хъæуа, уым иу бон цæудзæнис. Хурыскæсæны дын кард
Line of edition: 35     
арæзтæуы, бахъуаджы боны дын чи 'ххæсса авд ивазны, æнæуый бон
Line of edition: 36     
та дын, кард цас уа, уыййас уыдзæн. Уæларв Куырдалæгон дын аразы
Line of edition: 37     
згъæр, бахъуаджы боны дын дæ бæх дæр æмбæрздзæнис; топпы
Line of edition: 38     
нæмыгмæ дзы æмбырд кæндзæнис фондзыссæдз цæджы; карды цæфмæ
Line of edition: 39     
дзы æмбырд кæндзæнис дыууæ фондзыссæдз цæджы; æнæуый
Line of edition: 40     
бон та дын хæдоны йас йедтæмæ нæ уыдзæнис...




This text is part of the TITUS edition of Ossetic Nartic Tales.

Copyright TITUS Project, Frankfurt a/M, 10.12.2008. No parts of this document may be republished in any form without prior permission by the copyright holder.